Валерий Герасимов – уырыссаг æфсæддæн тас саразыны цауы, Уæрæсейы гарзджын тыхтæ æнæдзуаппæй нæ ныууадздзæн
Валерий  Герасимов – уырыссаг æфсæддæн тас саразыны цауы,  Уæрæсейы  гарзджын тыхтæ  æнæдзуаппæй нæ  ныууадздзæн

Уырыссаг  æфсæддæн  тас саразын,  кæнæ Дамаскъыл   бомбæтæ æркалыны   цауы Уæрæсе  дзуапп æнæмæнгæй ратдзæн –  уый  фæдыл  Уæрæсейы гарзджын тыхты   генералон  штабы  къухдариуæггæнæг  райхъусын кодта.   Валерий Герасимовы  ныхæстæм гæсгæ, мæнг информацийы  бындурыл  АИШ-æ  химикъон   хæцæнгарзæй  спайдайы Сирийы  хицауады   фæзылын кæнын æмæ   Асады кантролгонд  территорийыл хафт сæххæст кæнын  хъавы.

«Ис нæм æууæнкджын информаци, цæмæй  скæсæн Гъутайы  Сирийы   хицауады   ныхмæлæуджытæ  мæнг  кадрты айсын  план кæнынц.   Организаци  «Урс Згъæрхудты»  уæнгтæ  æмæ   исæг къорд  ныридæгæн бынатыл сты, кæцытæн семæ  ис  сталлитон  видео  адæттæг» –  расидтис Уæрæсеы  гарзджын тыхты  генералон  штабы  къухдариуæггæнæг, Валерий  Герасимов.