Вахтанг Гомелаурийæн сфысым кодто бритайнаг науыл
Вахтанг Гомелаурийæн сфысым кодто бритайнаг науыл

Мидхъуыддæгты министр  Вахтанг Гомелаурийæн  Стыр Британийы  æмæ Цæгат Ирландийы  иугонд Паддзахады  денджызон тыхты  нау «HMS DEFENDER»-ыл  Гуырдзыстоны Британий ыминæвар  Марк Клейтон   æмæ науы  сæргълууæг   II рангы  капитан, Винс Оуэн  сфысым кодтой. Уый  фæдыл информаци хъусын кæны   МХМ.

Уагдоны  хъусинагæй   науы  официалон  туры   хайад истой  Гуырдзыстоны хъахъъæнынады  министр Джуаншер Бурчъуладзе, мидхъуыддæгты министрады  денджызон пъæлицæйы  хистæр, инæрал-майор  Николоз Шарадзе, донбыл хъахъхъæды  департаменты  директор, фыццаг рангы  капитан  Рамаз Капанадзе  æмæ Ачъарайы  автономион  республикæйы  хицауады сæргълæууæг  Торникэ Рижвадзе.

Винс Оуэн  гуырдзиаг  делегацийы  уæнгтæн   нау равдыста  æмæ   йæ  техникон фæрæзты  æмæ  денджызон опреациты фæдыл деталон презентаци  сарызта. Стыр Британийы  æмæ Цæгат Ирландийы  иугонд Паддзахады  денджызон флоты   уæлдæфæй иргъæвæг  нырыккон типы  куынæггæнæг «HMS DEFENDER» Гуырдзыстонмæ 26 ибны  æрбален  кодта.  Науы  визитæн й  нысан у,  хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады  сферæйы  Иугонд Паддзахады  æмæ  Гуырдзыстоны  æхсæн архайæг   æнгом  æмгуыстады  демонстраци.

Портмæ визиты фæлгæтты  дыууæ бьæстæйы  денджызон  хайадты  минæвæрттæ  кæрæдзийæн фæлтæрддзинад фæхай кæныны  нысанæн,  информацион фембæлдтæ  ауадздзысты. Афтæма  Бритайнаг  нау  «HMS DEFENDER»-ы  æмæ Гуырдзыстоны донбылхъахъхъæды  науы хайадæй, Сау Денджызы  иуæймаг  денджызон ахуыр  ацæудзæн, кæцы  ахъаз  уыдзæн экипажты æхсæн  æмархайды фæхуыздæрæн æмæ  донбылхъахъъæды  фæрæзтæ  стынг кæнынæн.