Вахтанг Гомелаури  æмæ Владимер  Борцвадзе, Зугдиды  зылдон пъæлицæйы  сæйраг уагдоны сты
Вахтанг Гомелаури æмæ Владимер Борцвадзе, Зугдиды зылдон пъæлицæйы сæйраг уагдоны сты

Самегрело-Уæллаг Сванеты  бæстæйы пъæлицæйы  сæйраг уагдонмæ  цъус рæстæг размæ  бацыдысты  мидхъуыддæгты министр   Вахтанг Гомелаури, йæ  хæдивæг Владимер Борцвадзе  æмæ централон криминалон департаменты  директор  Мамука Чъелидзе.

Уыдонæн сæ размæ  рацыд  зылдон пъæлицæйы къухдариуæггæнæг  Автандил Галдава.  Уагдоны  фембæлд  21  октябры  Зугдиды  «Гуырдзыстоны Банкмæ»  лæбурды æмæ  бырсæгы  агуырды операциимæ  у баст.

Нырма бæрæг нæу,  фембæлды ф æуды  фæстæ   сараздзысты æви нæ  мхм-ы кæцыдæр минæвар  коментари.

Зугдиды   21 октябры, «Гуырдзыстоны Банкмæ»  гарзджын гоймаг  балæбурдта æмæ   43  æмбæстагы  уацайрæгтæй  фæкодта.   Барадхъахъхъæнджыты  тыхайрхайды  фæрцы, цалдæр сахатон  бадзырдты фæстиуæгæн, бырсæг   уацайрæгты фылдæр ссæрибар  кодта, кæцыты фæивдта  Самегрел-Уæллаг Сванеты  зылдон  пъæлицæйы хистæр, Автандил Галдава.  Фæстæдæр  бырсæг  Галдаваимæ  æмæ æртæ  уацайрагимæ  иумæ ныууагъдта  бæстыхай.  Сæ цыппары дæр  æхсæвы  ссæрибар кодта.

МХМ-ы хъусинагæй,   барадхъахъхъæныджтæ интенсивон  режимæй  дарддæр кæнынц  оперативон-фæдæвзарæн æмæ фæдагурæн  мадзæлттæ,  бырсæг æрцахсынын нысанæн.