Вакцинæйы æрбахæссыны фæдыл, бадзырдтæ  цалдæр æрдæмадæй цæуынц
Вакцинæйы æрбахæссыны фæдыл, бадзырдтæ цалдæр æрдæмадæй цæуынц

Тбилисы инфекцион рынчындоны   къухдариуæггæнæг  Тенгиз Церцвадзе  хъусын кæны, цæмæй  коронавирусы   ныхмæ  вакцинæтæ  æрахæссыны æрдгæй ис дзæбæх  ног хабæрттæ.  Церцвадзейы дзырдæй,  зæгъгæ цæуынц æмбæлгæ бадзырдтæ  вакцинæ-уадзæг  компанитимæ.

Церцвадзекйы  дзырдæй,  зæгъгæ февралы  кæронмæ  æрцæудзæн  30 мин  дозæ  «Phizer», кæцыйæ  низы ныхмæ бафтаудзысты   медицинæйы архайджыты.  Гуырдзыстоны  афтæдæр æнхъæлмæ кæсынц  200 мин  «Астразенекайы»  вакцинæмæ Ковакс платформæйæ  æмæ  вакцинаци ацæудзысты  риск-къордмæ чи  хауы  уыцы адæймæгтæ  æмæ  æнæнизхъахъхъæды  сферæйы баззайгæ  кусджытæ.

«Æнæофициалон информаци мæм ис,  кæнæ æрдæгæй  официалон – уымæй  æлдай ма  нæ  хицауад   æмæ  æмблгæ оргæнтæ,   низты контролы  центр æмæ æнæнизхъахъхъæды министрадæн  сæрмагонд бадзырдты фæндагæй   бантыстис уый, цæмæй  150  мин  дозæ  æрцæудзæн ныр, феврал-марты, Гуырдзыстонмæ.  Уый та  иттæг  хорз у  фыццаг  къахдзæфæн.

Кæд бафæраздзыстæм бæрзонд рискы   къорды вакцинаци  æмæ  нæ зæрдыл дардзыстæм  уый цæмæй  æнæвакцинæйæ  бахъом  стæм эпидемиологион уавæр  фæхуыздæр кæнын, уæд нын ацы процесс ахъаз уыдзæн  банымайын ома Гуырдзыстоны,  сеппæтæй  æвзæр период  нырид арвыстам.

Æз загътон  гарантиргонд вакцинæтæ, уымæн цæмæй   чидæр ныфссаст ма фæуа,  фæлæ  цæй æнхъæл стæм уый та  бирæ  фылдæр у, цалдæр æрдæмадæй  цæуынц  бадзырдтæ  æнæ æрмæст  «Астразенекаимæ» –  райхуъсын кодта Тенгиз Церцвадзе  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ  ныхасы рæстæджы.