Уырыссаг медийы хъусинагæй,  Хъазаны  скъоламæ бырсджытæй  иу  ликвидацигонд у,  иннæ  бырсæгы та  æрцахстой
Уырыссаг медийы хъусинагæй, Хъазаны скъоламæ бырсджытæй иу ликвидацигонд у, иннæ бырсæгы та æрцахстой

Уырыссаг медийы   информацийæ,   Хъазаны  иуæй-иу  скъоламæ  бырсæг уæнг  ликвидацигонд у.

Уый фæдыл  уырыссаг медиа,  барадхъахъхъæнæг структурæты  анонимон информаторыл  æнцойæ  хъусын кæны.

Журналистты  информацийæ,   скъоламæ  дыууæ  уæнгы балæбурдтой.  Сæ иу уыдис  скъолайы  бæстыхайы мидæгæй,  æмæ  æнхъæлцау  уым уæвæг адæймæгты  амынæты скодта.  Фæстаг информацийæ  уый  ликвидацигонд у.

Ноджы иу уæнг  æнхъæлцау 17 аздзыд   æнахъом, ахст у.  Уый  фæнысангонд скъолайы  ахуыргæнинаг нæу.

Уыимæ иумæ медийы хъусинагæй,   сывæллæтты  хай скъолайы эвакуацигонд сты æмæ  семæ  кусынц  психологтæ.  Æрцæугæйы фæстæ Хъазаны  алы скъолайы   æдасдзинады  амæлттæ фæкарздæр кодтой.

Ахæлиугонд  хъусинагæй,  скъолайы  æхсты фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты  нымæц 11-ы онг сырæзт,  фæцæф ис  32  адæймаг.