Уырыссаг медиа - Женевæйы дискусситы радон раундыл, гæнæн ис тыхæй æнæспайдайы фæдыл бадзырдыл прогресс уа
Хуссар Кавказы æдасдзинады æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы радон раундыл, гæнæн ис тыхæй æнæспайдайы фæдыл бадзырды æрфидар кæнынмæ гæсгæ прогресс уа – фыссы уырыссаг рауагъдад «Коммерсант».
Рауагъдады информацийæ, Гуырдзыстоны, оккупацигонд Абхазийы æмæ Цхинвалы регшионты де-факто хицауадтæ, Уæрæсе, АИШ-æ, афтæдæр консультациты æмсæрдæрттæ – евроцæдис, ИНО æмæ ЕÆÆО, тыхæй æнæспайдайы фæдыл иумæйаг деклараци æрцæттæ кæндзысты.
Уæрæсейы ф æсарæн хъуыддæгты министрады райхъусын кодтой, цæмæй документы къухбафыст, политикон æмæ эмоцион æмвæзадыл банкъаринаг размæ къахдзæф уыдзæн.
«Коммерсантимæ» ныхасы рæстæджы Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Григорий Карасин куыд загъта афтæмæй, фæнысангонд фарстыл прогресс , Женевæйы 2017 азы декабры уагъд фембæлдыл уыд.
«Ныфс нæ ис, цæмæй тыхæй æнæспайдайы фæдыл куырдиат ист рцæудзæн плангнд бадзырдты рæстæджы» – загъта Карасин.
Дипломаты ныхæстæм гæсгæ, деклараци уыдзæн нейтралон, кæцы уый нысан кæны, цæмæй уым нæ уыдзæн дзырд Абхазийы æмæ а.х. Хуссар Ирыстоны статусы фæдыл.
«Женевæйы дискусситы хайадисджытæ æрмæстдæр райхъусн кæндзысты, цæмæй кæрæдзиимæ ахастыты тыхæй спайдайыдл нæзагъд кæнынц. Ахæм декларацийæн юридикъон æнæмæнгхъæугæ равг нæ уыдзæн, фæлæ уæддæр уыдзæн размæ къахдзæф политикъон æмæ эмоцион æмвæзадыл. Фæрстæ равдисдзысты регионы фарстыты сабырадон фæндагæй, контактты æмæ бадзырдиы руаджы аскуыддзагы тырнынад» – расидтис Карасин.
«Коммерсанты» бæрæггæнæнтæй, гуырдзиаг фарс активон куыст кæны иумæйаг куырдиаты проектыл, фæлæ официалон кмментарий нæ аразы, уæдмæ, цалынмæ текст фæстагмæ разыгонд не æрцæудзæн.
Женевæйы дискусситы радон раунд 27-28 марты сырæздзæн.