Уырыссаг депутат хъусын кæны, цæмæй  Гуырдзыстоны бакуыст резолюци, гæнæн ис Тбилисы сæвзæргæ конфликты адарддæры архайд  уа
Уырыссаг депутат хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны бакуыст резолюци, гæнæн ис Тбилисы сæвзæргæ конфликты адарддæры архайд уа

Уырыссаг депутат  Андрей  Климов  ЕÆÆО-йы  парламентон ассамблейы  политикон  фарстаты  æмæ æдасдзинады комитетыл  Гуырдзыстоны  бакуыст резолюцийы  проекты  райсты фæдыл ныхас кæны.

Уæрæсейы  Федерацийы  советы æхсæнадæмон ахастыты комитеты сæрдары хæдивæг Климов уырыссаг медиимæ  интервьюйы рæстæджы  райхъусын кодта, цæмæй  Уæрæсемæ куыд суверенон бæстæмæ, ис бар Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны  хæдбардзинад  нымадмæ райса.

Андрей Климов  куыд  банысан кодта  афтæмæй,   уый зæгхгæ сæ бар  у кæцы  бæрæг у  комкоммæ  ИНО-йы уагæвæрдæй.

«Махæн ацы  историй  йæ кæронмæ æрцыд. Уынаффæ рахастам» –  райхъусын кодта Андрей Климов  интервьюйы  рæстæджы æмæ ма  бафтыдта  цæмæй, фæнысангонд резолюци гæнæн ис  Тбилисы сырæзт   конфликты адарддæры архайд уа.

Андрей Климовы   æмбарынгæнæнæй  гуырдзиаг фарс зæгъгæ   ахастыты срегулир кæныны нысанæй, сыхæгтимæ æнæмæнгæй   хъуамæ райдайа  диалог.

ЕÆÆО-ы  парламентон  ассамблейы  политикъон  фарстаты æмæ æдасдзинады комитетыл Гуырдзыстоны бакуыст  резолюцийы  проект райстой.

26 пунктджын  документ  æххæссы,   оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл  адæймаджы барты  æрдгæй  уæвæг  уавæрмæ.  Резолюцийы проекты Уæрæсейы  æнæлегалон архæйдтыты тыххæй  оккупацигонд Гуырдзыстоны   территоритыл æдасдзинады, адæймаджы барты  æмæ гуманитарон  уавæры фæфыддæры бафаудтой.  Сæ нымæцы та ранымад сты  оккупацион хаххы цур  тел-æмбондты атйындзын, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны регионты   уæвæг этникон  дискриминаци. Уæлдæр банысангонд  хæлдтыты  та, марындзинады,  хъизæмары,  гуырымыхъхъ ахасты, скъæфты æмæ æнæзакъонон ахстыты фактытæ  сты бавдыст. Гуырдзыстоны бакуыст   документ Уæрæсемæ сиды, æхсæнадæмон барады  фундаментон  нормæтæ æмæ принциптæ  бахъахъхъæнынмæ.Уыйимæ иумæ,  резолюцийы  проекты  банысангонд у, цæмæй Уæрæсейы Федераци, оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты  а.х.  хæдбардзинады банымадмæ гæсгæ  ист æнæзакъонон  уынаффæ  хъуамæ  аива.