Уырыссаг авиакуынæггæнæг Сау Денджызы уæлдæфон тыгъдады, америкаг хæдтæхæгæн йæ рæзты атахтис [видео]

Уырыссаг  авиакуынæггæнæг  Сау Денджызы  уæлдæфон  тыгъдады, америкаг  бæрæгдзау  уæлдæфон  аппаратæн  йæ рæзты  атахтис – уый фæдыл  информаци хæлиу кæны  АИШ-ы  æфсæддон-денджызон  тыхты  официалон веб-фарсыл.

«Америкæйы Иугонд Штатты ЕР-3-æн йæ рæзты  Сау Денджызы уæлдæфон тыгъдады  атахтис уырыссаг  SU-27, рискъы бын  бафтыдта пилотты  æмæ  экипаж. АИШ-ы æфсæддон-денджызон  тыхты  уæлдæфон  нау, æхсæнадæмон  барадмæ æмбæлгæйæ  архайдта æмæ  уырыссаг   авиакуынæггæнæджы  ацы архайды  провоциргæнæг нæ уыд» –  кæсæм  фидиуæны.