Уырыссаг æфсæддæттæ оккупацион хаххы цур хъæдæй цæджындзтæ  ныссагъдтой
Уырыссаг æфсæддæттæ оккупацион хаххы цур хъæдæй цæджындзтæ ныссагъдтой

Оккупацион режим Карелы  муниципалитеты хъæу Тъахтисдзирийы  цур, а.х.   демаркацион   куыстытæ   сног кодта.  Хъæу Тъахтисдзирийы æмæ  Дирбиыйы  дæргъмæ хъæдæй  цæджыннцтæ  500 метры бæрц дæргъмæ   ныссагъдтой.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн Карелы муниципалитеты  мерийы  минæвар  Нодар Къопадзе куыд  фехъусын кодта,  уымæ гæсгæйæ,  уырыссаг æфсæддæттæ   хъæу  Тъахтисдзирийы  æмæ  Дирбийы æхсæн   цæджындзтæ  знон  ныххостой. Нодар Къопадзе  куыд хъусын кæны,  афтæмæй,   иу метры онг бæрзæнды  цæджындзтæ  Тъахтисдзирийы  фарон монтажгонд  а.х. арæны бæрæггæнæн  банерты  цур  сты  сагъд.

Оккупацион хаххы  цур оккупацион   режимы   радон æнæзаконон    архайды фæдыл  информиргонд у  Евроцæдисы  цæстдарæг мисси.