Украинайы   уæлрадон уавæр  адарддæр ис  22  маймæ
Украинайы уæлрадон уавæр адарддæр ис 22 маймæ

Министрты  кабинеты  уынаффæййæ,   Украинайы   уæлрадон уавæр  адарддæр ис  22  маймæ, – уый  фæдыл  парламенты  рабадты  цыды рæстæджы,  бæстæйы  премьер-министр   Денис Шпигаль фехъусын кодта.

Информаци  ахæлиу кодта  «Правда».

Украинайы  преьер-министры  дзырдæй,   зæгъгæ  бæстæйы  масштабæй  эпидемиологион  уавæр  æвæрццаг у,  фæлæ   уый тыххæй  цæмæй  Æнæниздзинад Хъахъхъæнынады  Æппæтдунейон  Организаци, дунейы масштабæй   уæлрадон уавæр адарддæр кодта, организацийы   рекомендацитæ  æххæст кæндзæн Украина дæр.

Бæстæйы  уæлрадон уавæр нырид æртыккæгæм хатт адарддæр кодтой.  Банысан кæнын хъæуы  уый цæмæй,   11  маймæ   Украинайы  масштабæй  бæрæг типы  арæнæвæрдтæ  аивдзысты.