Украинайы президенты партимæ лæвæрд  этапыл  227  мандаты райсыны  фадат ис, кæцы фылдæрты  формирдзинадæн æгъгъæд у
Украинайы президенты партимæ лæвæрд этапыл 227 мандаты райсыны фадат ис, кæцы фылдæрты формирдзинадæн æгъгъæд у

Украинайы президенты партимæ лæвæрд  этапыл  227  мандаты  райсыны  фадат ис, кæцы фылдæрты  формирдзинадæн æгъгъæд у.

Украинайы ЦÆК  ацы рæстæгмæ   хъæлæсты 35.51 процент  бахыгъд кодта, кæцыйы фæстиуæгæн  Владимир Зеленскийы парти  42.19 процент   райста.

Украинайы президенты партимæ ацы бæрæггæнæнтæй, пропорцион номхыгъдæй  ис 121 мандат, мажоритарон  бæстæты та  106 мандат, кæцы æмтгæй райсгæйæ  у  227 мандаты.  450  бынатджын  Украинайы Радайы  фылдæрты райсынæн  иууыл цъус  226 мандат хъæуы.

Фæстаг бæрæггæнæнтæй, « Оппозицион платформæ –Цардæн»  райсдзæн 43  бынаты, Порошенкойы  «Европаг Солидарондзинад»-27, Юлия Тимошенкойы  «Батькивщина» 26, Вакарчукы «Голос» та  20.