Украинайы минæвар – Гуырдзыстон æмæ Украина кæддæриддæр  иумæ  сты, æнкъарæм  æмæ нæ хъæуы æххуыс  сымахæй
Украинайы минæвар – Гуырдзыстон æмæ Украина кæддæриддæр иумæ сты, æнкъарæм æмæ нæ хъæуы æххуыс сымахæй

Гуырдзыстон æмæ Украина  кæддæриддæр иумæ  сты,  æнкъарæм æмæ  нын хъæуы  æххуыс  сымахæй, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны Украинайы  минæвар  Игорь Долгов, цæугæ  фæзынты  фæдыл  загъта.

Фæнысангонд комментари, Долгов  сарызт  «Лелойы» организацигонд Украинайæн  солидарондзинады нысанæн  акцийыл.

Йæ ныхæстæм  гæсгæ, зæгъгæ  Уæрæсейы  агрессивон  плантæн сæ ныхмæ слæууынæн, сегасдæр ахсджиаг у æмуддзинад  æмæ  солидарондзинад, уыимæ иумæ  минæвар    фарсхæцыны Гуырдзыстонæн бузныг загъта.

«Гуырдзыстонæй  æххуыс  кæддæриддæр уыдис  нысаниуæгджын, дзæбæх  зонут уæхи æмæ Украинайы истори дæр.  Бирæ азы  размæ   Абхазы  фæзындтæ  куы тынг кодтой,  украинæгтæ уым уыдысты. 2008 азы  Гуырдзыстонмæ  Уæрæсейы  куы æрбабырста, Украина уыдис ам.  2014 азы  Украинæгтæм  куы бабырста Уæрæсе, сымах  лæууыдыстут нæ фарсмæ.  Мах кæддæриддæр   иумæ  стæм  алы  æхсæнадæмон организацийы.  Ам кæй  стут, уый  у  сымахæй  фарсхæцыны  равдыст.  Бузныг уын. Мах кæддæриддæр æнкъарæм æмæ  нын хъæуы  æххуыс  сымахæй.Сæйраг цæй саразын у нæ бон ацытæккæ, у уый æмæ Уæрæсейæн равдисæм, цæмæй агрессивон   плантæ  йын нæ  фæраст уыдзысты, ис  иудзинад æмæ солидарондзинад. Растдæр уый тыххæй, абон Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министр Димитри Кулеба, НАТО-йы  штаб-хæдзары уыдзæн æмæ  иумæ адарддæр кæндзыстæм  агрессийы  баурæды  æнæнæмнгхъæуындзинадыл консессусмæ  æрцæуын архайын», –  райхъусын кодта Игорь Долгов.