Украинайы инфраструктурæйы æмæ транспорты министр  - Гуырдзыстоны авиацион змæлд сног кæнын 1-аг июлæй хъавæм
Украинайы инфраструктурæйы æмæ транспорты министр - Гуырдзыстоны авиацион змæлд сног кæнын 1-аг июлæй хъавæм

Украина  Гуырдзыстонимæ  авиацион  змæлд  1-аг июлæй   сног кæндзæн, –  уый фæдыл  Украинайы  инфраструктурæйы æмæ транспорты  министр,  Владислав  Криклий, Гуырдзыстоны  экономикæйы æмæ  æнæфæцудгæ рæзынады  министр Натиа Турнаваимæ   онлайн  фембæлды фæстæ  «Фейсбукы» сæрмагонд фарсыл  ныффыста.

Украинайы  инфраструктурæйы æмæ транспорты  министры  куырдиатæй,   Украина   æндæр æмæ æндæр  бæстæйы  хицауадтимæ, æхсæнадæмон  тахтытæ сног кæныны фæдыл  бадзырдтæм рахызт.