Украинæ НАТО-йы парламентон ассамблейæн банхъарыд, Уæрæсе талибанæн æххуысгæнæг бæстæты номхыгъдмæ бахæссын
Украинæ  НАТО-йы парламентон ассамблейæн банхъарыд, Уæрæсе  талибанæн æххуысгæнæг бæстæты номхыгъдмæ бахæссын

Варшавæйы цæугæ   рабадтыл,  официалон  Киев, НАТО-йы  парламентон ассамблейы уæнгтæм басидтис, цæмæй  Пакистанимæ иумæ,   Уæрæсейæ дæр æрдомой  «Талибанæн»  æххуысы  бауромын.  Фæнысангонд   хъуыдиадæй  НАТО-ы  парламентон   ассамблеймæ басидтис Украинæйы  делегацийы къухдариуæггæнæг  Ирина  Фриз.

«2017 азы  майы  мах  НАТО-мæ  адæттам   Уæрæсейы æмæ  Талибаны  бастдзинады  фæдыл информаци. Сæрмагондæй та,   дзырдæуы  Уæрæсейы  генералон штабы  мимнæвæртты æмæ Талибаны  лидерты контактты тыххæй Пакистаны   регион Варизистаны.  Ис дзы, Талибанæн  нырыккон уырыссаг  хæцæнгарзы  алæвæрды  цаутæ дæр» – банысан кодта  Фриз.