Уæрæсейы, нæлгоймаг сæн адавынæн   магазинмæ  згъæртранспортерыл балæгæрста
Уæрæсейы, нæлгоймаг сæн адавынæн магазинмæ згъæртранспортерыл балæгæрста

 

Мурманскъы   регионы  нæлгоймаг   сæн  адавыны  вæндæй  згъæртранспортер аскъæфта  æмæ   магазинмæ  фæмидæг ис.  Уырыссаг  медийы информацийæ,   цау  æрцыд  сахар  Аппатиты.

Магазины витринæ басæтоныны онг,   згъæртранпосртер  алфæмбылай территорийыл  лæууæг  хæдтулгæ базиан кодта.  1988  азы гуырд   нæлгоймаг  згъæртранспортеры автоскъолайы  лæууæнæй  аскъæфта  æмæ сахармæ ныццыд хъæдыл ацæугæйæ.    Магазины  бацæуæн базиан кæныны фæстæ,   нозтджын нæлгоймаг   згъæртранспортерæй рахызт   æмæ   магазинмæ бацыд сæн  адавыны тыххæй, кæцы рæстæджы дæр æй  æрцахстой.

Бæрæг куыд у афтæмæй згъæртранспортеры  скъæфæг нæлгоймаг  ахуырадон центрæй  «Камазы»  маркæйы автомобилы аскъæфыны  тыххæй,  4  январы дæр æрцахстой.