Уæрæсейы минæварады раздæры бæстыхайы цур, антиоккупацион змæлд «Тых Иудзинады Ис» акци уадзы  [фото]
Уæрæсейы минæварады раздæры бæстыхайы цур, антиоккупацион змæлд «Тых Иудзинады Ис» акци уадзы [фото]

Уæрæсейы  минæварады   раздæры бæстыхайы  цур антиоккупацион  змæлд  «Тых Иудзинады Ис» акцимæ рахызт.  Акцийы  хайадисджытæ  Заза Гахеладзейы  ссæрибар кæнын  архайынц  æмæ  хицауадæй   архайадон  къахдзæфтæ саразын домынц.

Акцийы   хайадисджыты  фидиуæнæй,   акци  Руставелийы проеспектыл цыдæй  райдайдзæн æмæ парламенты  цур территоримæ ахиздзæн.

Афтæма, антиоккупацион   змæлды  уæнгтæ  фехуъсын кодтой сабаты  Схвилойы  фидары цур территорийыл егъаумасштабон  акцийы ауадзыны тыххæй,  кæцы ранæй  уырыссаг  оккупанттæ  авд мæйы размæ  аскæфтой Заза Гахеладзейы.

«Мæхи æмæ ам æрымбырдуæвæг Гуырдзыстоны  цæрджыты  фылдæры æркуырд у,     Гуырдзыстоны, оккупанттæм æнæзакононæй  ахст чи у, уыдоны ссæрибар кæнын. Паддзахадимæиумæ  æхсæнад иумæ  бафæразæм  ацы  проблемæ  алыг кæнын,  нæ хæлар паддзахадтимæ иумæ.  Цас фылдæр активондзинад  уыдзæн  дзыллæйы æрдгæй,  фылдæр реакци уыдзæн  Дунейы дзыллæйы  æрдгæй  дæр  æмæ фылдæр дискомфорт сырæздзæн Уæрæсейы хицауадæн,  сæ  тыхгæнæг  архæйдтыты тыххæй», – райхъусын кодта   дохтыр Важа Гаприндашвили, кæцы  2019  азы 9  ноябрæй,  мæййæ  фылдæр рæстæджы дæргъы  уыдис  оккупацион режиммæ æнæзакъонон ахсты  æмæ йæ 2019  азы  28 декабры ссæрибар кодтой.

Гаприндашвилийы  дзырдæй,  зæгъгæ Уæрæсеимæ ахастыты фарстæты  Гуырдзыстоны премьер-министры  специалон минæвар, Зураб Абашидзейы   æрдгæй   Уæрæсейы  Федералон уынаффæдоны  федералон  советы уæнг, Григори Карасинимæ фембæлдыл, Заза Гахеладзейы  ссæрибар кæныны  фарст бавдисын  æвæццæгæн  фæстиуæгджын уайид.

Оккупацион режим  Заза Гахеладзейы  11 июлы Схвилойы фидармæ хæстæг  территорийыл рацахста.  Йæ ахсты рæстæджы йæ уырыссаг æфсæддæттæ   фæцæф кодтой.