Уæрæсейы короновирусы цауты рекордон нымæц рабæрæг ис
Фæстаг иу боны мидæг Уæрæсейы 17 340 цау сбæлвырд ис, 283 та фæмард.
Уæрæсейы хицауады специалон веб-фарсыл рапарахат ис снысангонд æрбадæттæгтæ.
Официалон статистикамæ гæсгæ, 23-æм октябры æрбадæтæтгтæм, пандемийы райдайæнæй абоны онг , бæстæйы короновирусы иу милуан 480 минæй фылдæр адæймаг фæрынчын ис, се æхсæн снæнизгондты нымæц иу милуан 120 мин у, 22 525 та фæмард.