Уæрæсейы  коронавирусы 22 778 ног  цау рабæрæг ис,  амард  303  адæймаг
Уæрæсейы коронавирусы 22 778 ног цау рабæрæг ис, амард 303 адæймаг

Уæрæсейы  ивгъуыд æхсæв-боны дæргъы, «Ковид-19»-ы  22 778 ног  цау рабæрæг ис,  амард  303  адæймаг.   Информацийы  уый  фæдыл  уырыссаг медиа, бæстæйы оперативон штабыл æнцойæ  хъусын кæны.

Пандемийы   райдаынæй  абоны  онг, Уæрæсейы, «Ковид-19»-æй инфицирады  1 948 693  цау сбæрæг ис,  амард  33 489  адæймаг.