Уæрæсейы коронавирусæй инфицирады 7 770 ног цау рабæрæг ис, амард 337 ковид-пациент
Уæрæсейы коронавирусæй инфицирады 7 770 ног цау рабæрæг ис, амард 337 ковид-пациент

Уæрæсейы   ивгъуыд æхсæв-боны дæргъы  «Ковид-19»-ы  7 770  ног   цау рабæрæг ис. Вирусæй  337 адæймаг амард.

Пандемийы    райдайæнæй  абоны онг бæстæйы  сфиксир ис   коронавирусæй инфицирады  4,83 милуан  цау.

Уыдоны нымæцы сæйраг   горæты 1,1 милуан,  Санкт-Петербургы  та  420  мины онг цау.  Вирус леталон уыд   111 535  адæймагæн.