Уæрæсейы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц фæстаг 24 сахаты мидæг 771-æй райрæзтис
Уæрæсейы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц фæстаг 24 сахаты мидæг 771-æй райрæзтис кæцы абоны онг Уæрæсейы фиксиргонд сегасæй бæрзонддæр бæрæггæнæн у.
Цаутæ Уæрæсейы 80-йæ фылдæр регионы сфиксир сты, фæлæ сеппæтæй фылдæр нымæц фиксир кæны Мæскуыйы, цы ран коронавирусы 595 цау сбæлвырд ис.
Вирусы апарахатæй абоны онг, Уæрæсейы коронавирусæй 30 адæймаг фæмард.