Уæрæсейы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц 300 000-мæ ахæццæ ис
Уæрæсейы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц 300 000-мæ ахæццæ ис

Уæрæсейы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц 300 000-мæ ахæццæ ис.  Фæстаг 24  сахаты мидæг    рабæрæг ис вирусæй  фæрынчыны  9 623  цау.

Æмтгæй райсгæйæ,   эпидемийы  фыццаг  бонæй ныры онг,  рабæрæг ис  «Ковид-19»-ы  299 941 цау.

Уæрæсейы  Федерацийы  вирусæй фæрынчынуæвæг  76 130 пациентæн схос кодтой.  Фæмард 2 837  адæймаг.