Уæрæсейы хъахъъхæнынады уагдоны хъусинагæй,  Сау денджызы сæрыл уырыссаг  авиакуынæггæнджытæ  америкаг стратегикон бомбæзгъалджыты фæдыл зылдысты
Уæрæсейы хъахъъхæнынады уагдоны хъусинагæй, Сау денджызы сæрыл уырыссаг авиакуынæггæнджытæ америкаг стратегикон бомбæзгъалджыты фæдыл зылдысты

Сау денджызы сæрыл  «Су-39»-ы типы  дыууæ уырыссаг  куынæггæнæг  В-1В-ы  типы  дыууæ америкаг  стратегикон бомбæзгъалæгы  фæдыл  зылдысты.  Æмбæлгæ  информаци  ахæлиу кодта Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  министрад.

Уæрæсейы  хъахъхъæнынады уагдоны хъусинагæй,  уырыссаг  авиакуынæггæнджытæ цæстдард кодтой, цæмæй  америкаг  æфсæддон  хæдтæхджытæ Уæрæсейы  арæныл ма ахызтаиккой. Америкаг  бомбæзгъалджыты фæстæмæ раздæхыны  фæстæ,  уырыссаг  хæдтæхджытæ  æрыздæхтысты  сæ базæтæм.

Агентад «Ройтер» банысан кодта,ц æмæй Сау Денджызы  сæрыл æрцæугæ  инцидент   регионы АИШ-ы  хъахъхъæнынады нымæрдары  Ллойд  Остины  визиты фоныл  æрцыд.  Ллойд Остин  кæцы  нырид ауагъдта  визиттæ  Гуырдзыстон æмæ Украинамæ, ныр Румынийы уæвы.  Регоинон турнейы  рæстæджы  касты иуæй-иу  сæйраг темæ  растдæр Сау Денджызы регионы æдасдзинад уыд.