Уæрæсейы хъахъхъæнынады комитеты сæрдары хæдивæг хъусын кæны, цæмæй «Новичок»-ы  къорды химион буарадтæ æрцæттæ кæнын хъом лбораторитæ Гуырдзыстоны æмæ   АИШ-ы  ис
Уæрæсейы хъахъхъæнынады комитеты сæрдары хæдивæг хъусын кæны, цæмæй «Новичок»-ы къорды химион буарадтæ æрцæттæ кæнын хъом лбораторитæ Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы ис

Уæрæсейы хъахъхъæнынады комитеты сæрдары хæдивæг Юрий  Швыткин хъусын кæны, цæмæй «Новичок»-ы  къорды   химион буарадтæ æрцæттæ кæнын хъом  лабораторитæ Гуырдзыстоны æмæ

АИШ-ы  ис.  Швыткин  афтæдæр банысан кодта,  цæмæй   Уæрæсейы ацы  типы  химион  буарадтæ уадзæг кондад  нæй.

«Цæй ма,  фæуынаффæ кæнæм ууыл, цæмæй   нæ территорийыл ахæм типы  химион буарадтæ  нæ цæттæ кæнæм. Æз  куыд зонын,  афтæмæй,   ахæм хæцæнгарз, ахæм  химион   хъæстæгæнаг  буарадтæ амал кæнынц Гуырдзыстоны территорийыл, АИШ-ы  лабораторийы  æмæ  АИШ-ы», –  загъта  Швыткин  «РИА Новостийæн».

Хъахъхъæды  комитеты  хъахъъхæнынады сæрдары хæдивæг ма  афтæдæр банысан кодта,  цæмæй  Уæрæсе  цæттæ у,  фæдагуырдимæ æмкуыст кæна.  Афтæдæр йæ ныхæстæм  гæсгæ,  бæстæйы  ныхмæ  аххосæгтæ  æнæбындур сты.