Уæрæсейы ивгъуыд 24 сахаты дæргъы коронавирусæй инфицирады  11 385 ног цау  сбæрæг ис, 475 пациент та  амард
Уæрæсейы ивгъуыд 24 сахаты дæргъы коронавирусæй инфицирады 11 385 ног цау сбæрæг ис, 475 пациент та амард

Уæрæсейы  фæстаг 24 сахаты мидæг  коронавирусæй инфицирады  11 385 ног цау  сбæрæг ис.  Уыдоны нымæцы  2 150  пациент  æрмæст сæйраг горæты.

Уыимæ иумæ, вирусы амæттаг  фæстаг 24 сахаты дæргъы ссис  475 адæймаг. Коронавирусæй рынчын фæмардуавджыты нымæц  та 87 823-мæ ахæццæ ис.

Пандемийы райдаынæй  абоны онг Уæрæсейы  коронавирусæй инфицирады 4 290 135 цау  сфиксир кодтой.