Уæрæсейы   иу бонмæ   коронавирусæй инфицирады  16 319  ног цау  рабæрæг ис
Уæрæсейы иу бонмæ коронавирусæй инфицирады 16 319 ног цау рабæрæг ис

Уæрæсейы   иу бонмæ   коронавирусæй инфицирады  16 319  ног цау  сбæрæг ис.   Уый фæдыл  информаци ахæлиу кодтой  оперативон штабæй.   Уый  фыццаг цау у,  Уæрæсейы  Федерацийы  территорийыл  иу  бонмæ 16000-æй  фылдæр  цау  куы рабæрæг кодтой.  Знон Уæрæсейы  сфиксир ис  15  982  фæрынчынуæвæг.

Афтæма иу бонмæ Уæрæсейы  «Ковид-19»-ы  амæттаг фесты   269 адæймаг.

Сегасдæр фылдæр ног фæрынчынуæвæг рабæрæг ис  Мæскуыйы, цы ран  4 999   ног цау  бахыгъд кодтой.   Дыккаг  бынатыл  ис Санкт-Петербург  695  фæрынчынуæвæгимæ.

Æмтгæй райсгæйæ   пандемийы  фыццаг бонæй   абоны онг Уæрæсейы  коронавирусæй  1,4   милуан  адæймаг фæрынчын ис.  Снæниз ис  1,08 милуан. Амард  26 635  пациент.