Уæрæсейы, Ираны æмæ Азербайджаны  президенттæ  14 августы  Сочæйы фембæлдзысты
Уæрæсейы, Ираны æмæ Азербайджаны президенттæ 14 августы Сочæйы фембæлдзысты

Уæрæсейы, Ираны æмæ Азербайджаны  президенттæ  кæрæдзиимæ  14  августы фембæлдзысты Сочæйы.

Ираны президенты пресс-куысты  информацийæ,   самиты  фæлгæтты, Хасан Роухани  уырыссчаг æмæ азербайджайнаг коллегæтимæ, дфууæфарсон  форматы дæр ауадздзæн фембæлдтæ.

Уæрæсе-Иран-Азербайджаны  саммиты фæстæ,  сырæздзæн иумæйаг фидиуæн.

Æртæ дæр бæстæйы  лидерты  фæстаг  фембæлд ивгъуыд  азы  августы, «Каспийы фондзы»   фæлгæтты  ацыд,  кæцыйы рæстæджы дæр   Каспийы денджызы   барадон   статусы   конвенций бафыстой.