Уæрæсейы  фæстаг 24 сахаты мидæг  коронавирусæй инфицирады  5 195 ног  цау  рабæрæг ис, амард 61 адæймаг
Уæрæсейы фæстаг 24 сахаты мидæг коронавирусæй инфицирады 5 195 ног цау рабæрæг ис, амард 61 адæймаг

Уæрæсейы  фæстаг 24 сахаты мидæг  коронавирусæй инфицирады  5 195 ног  цау  рабæрæг ис. Фæстаг  æхсæв-боны мидæг 61 адæймаг фæхъуыд.  Æмбæлгæ  бæрæггæнæнтæ, публикаци скодтой Уæрæсейы  хицауады  специалон  веб-фарсыл.

Официалон статистикæйæ, бæстæйы  æмтгæй райсгæйæ,   «Ковид-19»-ы  диагноз сывæрдтой  1 025 505 адæймагæн. Амард  17 820 адæймаг.

Коронавирусæй фæрынчынуæвджыты   нымæцмæ гæсгæ,   Уæрæсе дунейы  цыппæрæм бынатыл ис.