Уæрæсейы фæстаг 24  сахаты мидæг коронавирусæй фæрынчын ис 1154 адæймаг, кæцы ныры онг фиксиргонд  сегасæй  бæрзонддæр бæрæггæнæн у
Уæрæсейы фæстаг 24 сахаты мидæг коронавирусæй фæрынчын ис 1154 адæймаг, кæцы ныры онг фиксиргонд сегасæй бæрзонддæр бæрæггæнæн у

Уæрæсейы  «Ковид-19»-æй   фæстаг   24  сахаты мидæг   1154  адæймаг  фæрынчын ис, кæцы ныры онг   фиксиргонд  сегасæй  бæрзонддæр бæрæггæнæн у.   Уый  фæдыл  фыссы   «Альджазира».

Æмтгæй  райсгæйæ   бæстæйы   вирусы   7 497 цау  фæбæрæг ис.

Уымæй  уæлдай ма,  фæстаг 24  сахаты мидæг  Уæрæсейы   «Ковид-19»-æй  фæмард  11  адæймаг.  Вирусы  апарахатæй  абоны онг   бæстæйы    ног коронавирусæй   58 адæймаг фæмард.