Уæрæсейы фæстаг 24 сахаты коронавирус 6 719 адæймагæн сбæлвырд ис, амард 93 пациент
Уæрæсейы фæстаг 24 сахаты коронавирус 6 719 адæймагæн сбæлвырд ис, амард 93 пациент

Уæрæсейы,  фæстаг æхсæв-боны дæргъы, «Ковид-19»  6 719  адæймагмæ сбæлвырд ис, амард 93 пациент.  Информацийы «Дождь» хъусын кæны   Уæрæсейы  хицауады  оперативон штабыл æнцойæ.

Уæрæсейы хицауады ахæлиугонд  официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бæстæйы  эпидемийы фыццаг бонæй  абоны  онг, «Ковид-19» сбæлвырд ис  641 156 адæймагмæ. Амард   9 166 фæрынчынуæвæг.  Оперативон  штабы хъусын  кæнынц, цæмæй  фæрынчынуæвджыты  æмтгæйон нымæцæй  403 430  адæймаг  сæнæниз ис.