Уæрæсейы  фæстаг 24 сахаты дæргъы,  коронавирусæй инфицирады  5 159  ног цау рабæрæг ис
Уæрæсейы фæстаг 24 сахаты дæргъы, коронавирусæй инфицирады 5 159 ног цау рабæрæг ис

Уæрæсейы  ивгуъыд суткæйы мидæг,  «Ковид-19»-ы  5 159  бæлвырд  цау  рабæрæг ис, 144  пациент  амард. Информацийы  уырыссаг медиа, бæстæйы  оперативон  штабыл æнцойæ  хъусын кæны.

Уæрæсейы  хицауады  ахæлиугонд   официалон  бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,   коронавирусы ахæлиуæй абоны онг, бæстæйы  «Ковид-19»-ы  861 423  цау рабæрæг ис, фæмард  14  351  адæймаг.

Æмтгæй райсгæйæ  Уæрæсейы  коронавирусæй  фæрынчынуæвæг  661  471 адæймагæн схос кодтой.