Уæрæсейы Думайы комитет Гуырдзыстонæй сæны  æмæ минералон доны импорты фæурæды, афтæдæр  æхцайæ  æрвитæггæгты  фæтобæйæн йæ фарс рахæцыд
Уæрæсейы Думайы комитет Гуырдзыстонæй сæны æмæ минералон доны импорты фæурæды, афтæдæр æхцайæ æрвитæггæгты фæтобæйæн йæ фарс рахæцыд

Уæрæсейы  паддзахадон думайы  æхсæнадæмон ахастыты   комитет  йæ фарс рахæцыд фракци  «Единная  Россия»-йы  инициативæйæн,  Гуырдзыстонæй  сæны æмæ   минералон доны  импорт фæурæды æмæ  Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ  æхца  æрвысты  фæтобæйы фæдыл.

Агентад  «ТАСС»-ы   хъусинагæй, уый фæдыл  журналисттæн   комитеты  сæрдар  Леонид Слуцкий  захта.

«Æхсæнадæмон  ахастыты  комитет йæ  фарс хæцы паддзахадон Думайы  фракци «Единная Россия»-йы къухдариуæгæй   разагъд инииативæйæн  продукцийы, сæрмагондæй  та сæны, минералон  доны импорты  арæн скæныны фæдыл, афтæдæр  нæ  бæстæты æхсæн  æхцайæ  æрвитæггæгты бауромыны тыххæй», –  райхъусын кодта Слуцкий.

Думайы  уæнг  нæ ацух кодта,  цæмæй Уæрæсейы   æххæстгæнæг  хицауад æрнымадгонд мадзæлттимæ  иумæ,  фылдæр карз  мадзæлттæ райсдзæн.

«Уый саразын æнæмæнгхъæугæ у, уымæн æмæ  уый  цыдæриддæр «Рустави 2»-ы  эфиры  æрцыд, рæстмæ хъуыдыйæ, хæрзиуæг æмæ  фыдбылызы  фæлгæттæй  дæр ахызт, æмæ ноджы иу  хатт банысан кæндзынæн, ахæм митæ абсолютонæй æнæруадзгæ сты», –  райхъусын кодта Леонид Слуцкий.

Афтæма Слуцкийы ныхæстæм гæсгæ,  9 июлы, паддзахадон дума  пленарон  рабадтыл хъавы,   æркæса  куырдиаты проект, «Гуырдзыстоны антиуырыссаг  истерийы» тыххæй, уый нымæцы Габуниайы  монологыл  регир кæныны мадзæлтты  фæдыл.

«Ацы фарста  каст æрцæудзæн   Думайы  советы рабадтыл,  документы æрцæттæ кæндзæн хæдбар Паддзахадты  Æмгарады  Евразиаг  интеграцийы æмæ æмбæстонтимæ   цæдисы   комитет», – райхъусын кодта Слуцкий.