Уæрæсейы æддагполитикон уагдон – Курæг стæм  Британийы фæсарæн хуъыддæгты министрадæй, ныууадзæт  провокацион архæйдтæ
Уæрæсейы æддагполитикон уагдон – Курæг стæм Британийы фæсарæн хуъыддæгты министрадæй, ныууадзæт провокацион архæйдтæ

Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрад Британийы æддагполитикон уагдоны ахæлиугонд  фидиуæны схуыдта дезинформацийæ   æмæ  æрсидтис  Британимæ,  провокацион  фидиуæнты хæлиу кæнын.

«Курæг  стæм Британийы фæсарæн хъуыддæгты министрадæй,  ныууадзæт  провокацион  митæ,  ныууадзæт  æдылы ныхæсты  хæлиу кæнын  æмæ  тæтæр-монголы  цагъаруавæры фæдыл историйы бацахуыр кæнæт» – дзырдæуы   фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæны.

Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæны дзырдæуы, цæмæй  Британийы  фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд  фидиуæн,  ноджы иу бæлвырдгæнæн у, ома НАТО-йы бæстæтæ  англо-саксты разамындæй  Украинайы алыварс  уавæр  карздæр кæнынц.

Британийы  æсарæн хъуыддæгты министрад  ахæлиу кодта фидиуæн, кæцыйы мидæг дзырдæуы, цæмæй  Кремль  Украинайы  хицауады  проуырыссаг лидеры снысан кæнын хъавы, уымæ æмæ хъуыды кæны  Украинамæ балæбурын  æмæ   йæ  оккупаци скæнын.  Уагдоны хъусинагæй,  потенцион   кандидатыл нымайынц  раздæры украинаг депутат Евгени Мураевы.