Уæрæсейы  абон  конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыныл æппæтадæмон хъæлæскæнынады  финалон бон у
Уæрæсейы абон конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыныл æппæтадæмон хъæлæскæнынады финалон бон у

Уæрæсейы  абон  конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыныл хъæлæскæнынады финалон   бон у.  Коронавирусы тыххæй   Уæрæсейы  хъæлæс кæныны процедурæ 25 июны райдыдта æмæ   цалдæр  этапæй  ацыд.

Æвзарæн фадгуытæ  бынæттон   рæстæгæй   20:00  сахатыл æрыхгæндзысты. Кдæ æмæ   æвзæрстгæнджыты фылдæры хай   конституцион барастытимæ  сразы уыдзысты,  уæд конституцийы  ивындзинæдтæ  фæстиуджытæ  публикацийы бонæй  бахиздзысты сæ  тыхмæ.

Хъæлæс кæныны сæйраг бон райдайæны размæ,  Уæрæсейы æмбæстæгтæм президент  æрсидт  æмæ  сæ конституцимæ бахæссинаг  ивындзинæдтæн схъæлæс кæнын æрдомтта.

Æппæтадæмон   хъæлæскæнынады Уæрæсейы  22  апрелы  хъуамæ ацыдаит, фæлæ   коронавирусы  пандемийы  тыххæй æмгъуыдæргъæвд æрцыд.

Конституцион ивындзинæдты инициативæйæ  Уæрæсейы  президент  цæугæ азы  январы рацыд.  Бæстæйы  сæйраг законмæ ивындзинæдтæ бахæссын Владимир Путинæн, президентон æмгъуыдтæ  ногæй  нымайыны  фадат ратдзæн.  Афтæмæй  уымæн президенты бынатыл  баззайын йæ бон уыдзæн  2036  азмæ.