Уæрæсеаг арæнхъахъхæнджытæ, Сочæмæ хæстæг, рацахстой нæлгоймагы, кæцы Абхазийы уыд цагъайрагæй
Уæрæсеаг арæнхъахъхæнджытæ, Сочæмæ хæстæг, рацахстой нæлгоймагы,  кæцы Абхазийы  уыд цагъайрагæй

Уæрæсеаг арæнхъахъхæнджытæ, Сочæмæ хæстæг, рацахстой нæлгоймагы,  кæцы Абхазийы  уыд цагъайрагæй – уый фæдыл  информацийы, Уæрæсейы  Федерацийы  паддзахадон   æдадсзинады  куысты  пресс-службæйыл æнцойæ хæлиу кæны  уырыссаг медиа.

Сæрмагондæй та, уырыссаг медийы хъуысинагæй,   арæнхъахъхъæнджытæ  нæлгоймагы  æрцахстой,  хъæу Нижняя Шиловкæйы, кæцы  Абхазийæ  Уæрæсейы Федлерацийы территоримæ,  цæугæдон  Псоуйы иуæй-иу донуайæныуылты  ахызт.

Æрфарсты рæстæджы  нæлгоймаг расидтис,  цæмæй  иу афæдзы  дæргъы  Абхазийы  уыд цагъайрагæй  æмæ растдæр уый тыххæй  тыхбын баис, арæныл æнæзакъононæй  ахизын.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,   Абхазийы  йын байстой  документтæ  æмæ иуæй-иу  хæдзары йæ кусын кодтой  арæзтадыл.  Фæдаругырдимæ  ныхасы рæстæджы афтæдæр банысан кодта,  цæмæй  йæ цагъарадæй  фервæзын кодтой  бынæттонтæ.

Хъуыддагыл цæуы фæдагуырд.