Уæрæсе Сау денджызы  акваторийы  денджызон  авиацийы  масштабон ахуыртæм рахызт
Уæрæсе Сау денджызы акваторийы денджызон авиацийы масштабон ахуыртæм рахызт

Уæрæсе Сау денджызы  акваторийы  денджызон  авиацийы  масштабон ахуыртæм рахызт.  Уый фæдыл   информаци хъусын кæны Уæрæсейы  хъахъхъæнынады министрад.

Маневрты  Уæрæсейы  хуссары  æфсæддон  зылды   æмæ Сау Денджызы  флотмæ бацæуæг     хæдтæхджытæ  исынц  хайад.  Маневртæм   баиу уыдзысты  Су-24-м,  Су-34, Су-27СМ-ы, æмæ  Су-30-СМ-ы  типы   бомбæкалджытæ.  Хæдтæхджытæ  денджызы уæвæг    нысæнттыл ракетæтæ æмæ  бомбæтæ  æхсынц.

Авиацийæ дарддæр ма  ахуырты   хайад исынц  Уæрæсейы Сау Денджызы  флоты  ракетон наутæ.

Уæрæсе  æфсæддон ахуыртæм уый фæстæ  рахызт,  бæрæг куцы ссис  цæмæй  æввахс бонты  Сау денджызмæ  дыууæ  амеркиаг  æфсæддон нау  æрбахиздзæн.  Уæрæсйеы  хъахъхъæнынады  уагдоны  хъусын кæнынц, цæмæй  америкаг   науты  змæлдмæ  Сау денджызы  сæ  цæст дардзысты.