Уæрæсе-Гуырдзыстоны æхсæн  комкоммæ  тахтытæ  урæд æрцыдысты
Уæрæсе-Гуырдзыстоны æхсæн комкоммæ тахтытæ урæд æрцыдысты

Уæрæсе-Гуырдзыстоны æхсæн  комкоммæ  тахтытæ  абонæй  официалонæй  урæд æрцыдысты.

Уæрсейы уынаффæйæ  бæстæты  æхсæн  комкоммæ  тахтытæ  уромынц  æхсæз  уырыссаг æмæ  дыууæ  гуырдзиаг авиакомпанийы.

Тахтытæ  бауромыны  фæдыл  бардзырд рауагъдта  Уæрæсейы президент Владимир Путин  21  июны.

Путин Уæрæсейы хицауадæн афтæдæр бахæс кодта, Гуырдзыстоны рæстæгмæ уæвæг  Уæрæсейы æмбæстæгты  бæстæмæ æрыздахын.  Афтæма, бахæс кодта туроператортæн, тобæйы периоды,  ма адæттой  балцæгтæ  Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ.

Авиа-змæлды баурæды онг, Гуырдзыстонæй  Уæрæсемæ  фæстаг  комкоммæ  рейсытæ знон сæххæст  сты.

Уæрæсейы æрдгæй  уагæвæрд   санкциты тыххæй,   авиакомпани «Джорджиан Эарвейс»  абонæй  Тбилис-Мæскуы-Тбилисы æрдæм  комкоммæ тахтыты  ранывæзт ивы æмæ бæлццæттæн  балæккад кæндзæн   Тбилис-(Ереван)-Мæскуы, (Ереван)-Тбилисы маршрутæй.