Уæрæсе  денджызон полигонтыл, сæ нымæцы Сау Денджызыл дæр æфæддон  ахуыртæм рахизын хъавы
Уæрæсе денджызон полигонтыл, сæ нымæцы Сау Денджызыл дæр æфæддон ахуыртæм рахизын хъавы

Уæрæсе стратегион  æфсæддон тыхты  ахуыртæм рахизын хъавы.  Маневртæ  15-æй  17 октябры онг   периоды   ацæудзысты  æмæ ахуырты хайад райсдзæн  12000 æфсæддон.  Информацийы  хъусын кæны Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад.

«Ахуырты   хайад райсдзæн  сæрмагонд сконды  12 мин уæнг,  стратегион  нысаниуæгы ракетон тыхты  213  ауадзæн  гарзæг, 105 тæхæн аппарат  æмæ  фондз  дæлдон нау, афтæма  130  иуаг  хæцæн  специалон техникæ» – дзырдæуы  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  министрады  фидиуæны.

Афтæдæр сæ  информацийæ,   ахуырты рæстæджы  сæххæст уыдзæн   баллистикон   æмæ  базырджын  ракетæты æхст.

«Ахуыртæ  цæуынц,  денджызон  полигонтыл, Баренцы, Сау,  Охоты æмæ Каспийы  денджызты» -дзырдæуы   Уæрæсейы  хъахъхъæнынады  уагдоны фидиуæны.