Уæлвæтк  уавæрты фæткдар  куыст  Ачъарайы  регионы, улæфджыты фæдзæхсы æнхъæлмæкæсинаг штормы  фæдыл
Уæлвæтк уавæрты фæткдар куыст Ачъарайы регионы, улæфджыты фæдзæхсы æнхъæлмæкæсинаг штормы фæдыл

Уæлвæтк  уавæрты фæткдар  куыст  Ачъарайы  регионы, улæфджыты фæдзæхсы æнхъæлмæкæсинаг штормы  фæдыл.

«Абон 4   июлы,   Сау Денджызы  донбылыл  æнхъæлмæкæсинаг у  3-4 баллы  хъомысы  шторм, цæй тыххæй  дæр денджызы  хинайын  тобæгонд у.

Алы  ирвæзынгæнæн куысты мæсыггондыл   фæйлауы  сырх  тырыса. Уæ зæрдылдарут   фæдзæхсты  нысæнттæ.  Мæсыггондыл  урс  тырыса  суадзыны   цауы,  уæгъд уыдзæн денджызы хинайын» –  банысангонд у  уæлвæтк уавæрты  куысты  фидиуæны.

Уагдоны   ъхусинагæй,   штормы  уавæрты фæстаг  5 сахаты  дæргъы,  уæлвæтк  уавæрты  фæткдар  куысты  денджызон  ирвæзнгæнджытæ, фервæзын кодтой   4 æмбæстагы, сæ нымæцы   иу  сывæллоны.