Турк Сирийы хицауадон позицитыл масштабон хафты фæдыл хъусын кæны
Турк Сирийы хицауадон озицитæм масштабон бырсæнцыд сæххæст кодта. Турчы хъахъхъæнынады министрад куы хъусын кæны афтæмæй, нейтрализацигонд æрцыд 2 100-йæ фылдæр мысан. Министрад афтæдæр Идлибы скуынæггонд нысæнтты къамтæ ахæлиу кодта.
«Турк дарддæр кæны Сирийы режимы нысæнттæ куынæг кæнын» – банысангонд у уагдоны куырдиаты.
Агентад «Анадолу» куыд фысыы уымæ гæсгæйæ, Асады фарсхæцæг веб-фарсытыл социалон хызаджы хæлиу кæнынц хъусинæгтæ хицауадон тыхты дыууæ инæлары нейтрализацийы фæдыл.
«Анадолу»-ы банысан кодтой, цæмæй турчы хицауад зæгъгæ термин «нейтрализацидзинад»-æй пайда кæны амарыны кæнæ æрцахсты рæстæджы.
Идлибы провинцийы уавæр фæкарз ис, Сирийы хицауадон тыхты авиахафтыты фæстиуæгæн 34 туркаг æфсæддон куы фæхъуыд уый фæстæ.