Турк америкаг автомобильтыл, алкоголон ныуæзт æмæ тамакойыл тарифтæ фæфылдæр кодта
Турк  америкаг  автомобильтыл, алкоголон ныуæзт  æмæ тамакойыл тарифтæ фæфылдæр кодта

Турк  америкаг  автомобильтыл, алкоголон ныуæзт  æмæ тамакойыл тарифтæ  райрæзын кодта.  Тарифты  рæзт  æрцыд   президенты барамынды  бындурыл.

Турчы  вице-президенты  Фуат  Октайы  фидиуæнæй,  тарифты  рæзты фæдыл уынаффæ  АИШ-ы  æрдгæй   Турчы  экономикæйы  сæххæст  бырстытыххæй   рахастой.

Тарифты  рæзт  афтæдæр баххæссыд  брындзы æмæ  косметикон  фæрæзтæм дæр.  Турчы æмæ АИШ-ы  æхæм ахастытæ  уый фæстæ  фæкарз сты,   АИШ-æ  туркаг аллюмини æмæ   æндоныл  куы  райрæзын кодта  тарифтæ.

Æндыгъддзинады   аххос у  Турчы  ахст  америкаг пастор, Эндрю Брансон,  кæцыйы  аххосджын кæнынц  Гюллены организациимæ  бастдзинады.  Пасторы  ахсты тыххæй,   АИШ-æ  Турчы  мидхъуыддæгты  æмæ юстицийы  министртæн  санкцитæ  сфидар кодта.