Турк æмæ Уæрæсе зенитон-ракетон комплексы, «С-500»-ы иумæйаг амалиуæгы тыххæй гæнæн ис, бадзырд бафыссой
Турк æмæ Уæрæсе зенитон-ракетон комплексы, «С-500»-ы иумæйаг амалиуæгы тыххæй гæнæн ис, бадзырд бафыссой. Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъаны фидиуæнæй, кæд дзы ис бæстæтæ, кæцытæ Анкъарайы ныхмæ æртъхъирæнты позицийæ ныхас кæнынц, уæд Турк йæ хæдиргъæфхъомад хъуамæ фæтыхджындæр кæна.
Реджеб Тауип Эрдогъан Уæрæсейæ уæлдæфон иргъæвæн системæ «С-400»-ы балхæды схуыдта Турчы нырыккон историйы, сеппæтæй ахсджиаг бадзырдæй æмæ банысан кодта, цæмæй зенитон системæйы Анкъара æфсæддон архæйдтытæн нæ цæттæ кæны, æмæ æрмæстдæр националон æдадсзинад сфидар кæнын архайы.