Турчы президент  сирийаг лигъдæтты  Европæмæ арвитынæй æртъхъирæн кæны
Турчы президент сирийаг лигъдæтты Европæмæ арвитынæй æртъхъирæн кæны

Турчы прездент  æртхъирæн кæны  лигъдæттæн  Европæйы  дуар фегом кæнынæй. Уый фæдыл информацийы  хъусын кæны агентад «Ройтер».

«Байгом кæндзыстæм  дуар  æмæ  3.6 милуан  лигъдоны  сымазхы  æрдæм рауадздзыстæм», –  райхъусын кодта Реджеб Тайип Эрдогъан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  Европæ æмæ  арабаг  бæстæтæ   Турчы  æфсæддон операци куы  критикæ  кæнынц,   уæд  æргомзæрдæ  не сты.  Эрдогъаны  дзырдæй,  зæгъгæ  Европæйы сæм нæй  бар зæрдæхудт равдисын,  уымæн æмæ   сæ бæстæты  демократи  ныххудуг кодтой.  Афтæма  йæ  ныхæстæм гæсгæ,   Сауды  Аравийы дæр,  цалынмæ Туркы  критикæ кæнын райдайой,  уæдмæ  хуыздæр у  кæсæнмæ  ныккæсой.

Турк  Сирийы  цæгат-скæсæны æфсæддон операци  райдыдта,  кæцы  расайдта  Европæйы  лидерты  критикæ.