Турчы   президент сфысым кодта НАТО-ы  генералон  нымæрдарæн
Турчы президент сфысым кодта НАТО-ы генералон нымæрдарæн

Турчы   президент   Реджеб Тайип Эрдогъан НАТО-ы  генералон  нымæрдар Йенс Столтенбергæн сфысым кодта.

Туркаг рауагъдад  «Анадолу»-ы  информацийæ,   цæгат-атлантикон   альянсы  генералон  нымæрдары  æмæ  Турчы  президенты  фембæлд, æхгæд  форматы  сахатæй  фылдæр  аххæссыд.

Ахæлиугонд  информацийæ,   фембæлдыл   Турчы  æмæ  альянсы   æмахастыл  æмæ регионы   уæвæг   уавæрыл   фæныхас кодтой.

Альянсы  генералон нымæрдар   Туркæн,  НАТО-ы мисситы  сæххæст контрибуцийы æмæ    пандемийы рæстæджы  альянсы æмцæдисон бæстæтæн  æххуысы   тыххæй раарфæ  кодта.   Йенс Столтенберг  ноджы иу  хатт банысан кодта,   ома  райгонд у  Зæххаустæу денджызы  инцидентты   рискыты  фæкаддæры  нысанæн арызт   механизмæй.

Ахæлиугонд информацийæ,   Йенс Столтенберг  æмæ Реджеб Тайип  Эрдогъан  Уæлхох Карабахы  уæвæг   уавæрыл фæныхас кодтой.