Трамп æмæ Путин 28 июны фембæлдзысты  Осакайы
Трамп æмæ Путин 28 июны фембæлдзысты Осакайы

АИШ-ы æмæ  Уæрæсейы президенттæ  «Стыр дыууыны»  саммиты  фæлгæтты  фембæлд  сараздзысты  28 июны.

Уый фæдыл   Уæрæсейы  президенты  æххуысгæнæг,  Юрий Ушаков  райхъусын кодта.  Кремлы   дзурынц, цæмæй   Японийы  сахар Осакайы  Дональд Трампы æмæ  Владимир Путины  æхсæн   иусахатон фембæлд у  плангонд.

Ахæлиугонд  информацийæ, дыууæ бæстæйы  лидертæ регионон стабилондзинады  фарстатæ, сæ  нымæцы   Сирийы  хæст,  Венесуэлайы   политикъон кризис  æмæ  Иранимæ   уæвæг  ныттынгонд  уавæр   æркæсдзысты.