TRACECA-ы генералон нымæрдар -  Гуырдзыстон иттæг нысаниуæгджын бæстæ у, Европæ æмæ Азийы  алвæндагыл кæй лæууы  уый тыххæй
TRACECA-ы генералон нымæрдар - Гуырдзыстон иттæг нысаниуæгджын бæстæ у, Европæ æмæ Азийы алвæндагыл кæй лæууы уый тыххæй

Гуырдзыстон у иттæг нысаниуæгджын бæстæ, уымæн æмæ Азийы  æмæ Европæйы  алвæндагыл лæууы-  уый  фæдыл  Трасекайы ( Европæ-Кавказ-Азийы транспортон  къæлидоры»   нымæрдарады  генералон  нымæрдар Мирча Чиоппрага райхъусын кодта, кæцы  «Тбилисы  Зæлдаг Фæндаджы  Форумы»   фæлгæтты,  Гуырдзыстонмæ æрцыд.

«Форум нысаниуæгджын у трасекайæн,  Китай æмæ Европæйы кæрæдзиимæ сбæттынæн.  Гуырдзыстон иттæг нысаниугджын бæстæ  у,  уымæн  æмæ  Азийы æмæ   европæйы  алвæндагыл  лæууы.   Ацы  форум ахъаз у  бизнесæн, ифтонг кæны  продукцийы   æнцон  транзит  бизнес аразынæн  æмæ  бæстæйы  прогресæн» –  райхъусын кодта  Трасекайы   нымæрдарады  генералон нымæрдар.

Зæлдаг фæндаджы форум ацы аз у, прецедентæ цæмæн нæй  уый йас  минæварджын.   Мадзæлтты  60-ы  онг  бæстæйы  2000-æй  фылдæр делегат  исы хайад.   Уазджыты æхсæн   сты  сыхаг бæстæйты  вице-премьертæ æмæ министртæ,  Евроцæдисы, Китайы, афтæма, æхсæнадæмон  финансон институтты æмæ ставд  бизнес компаниты  минæвæрттæ.

Тбилисы  Зæлдаг Фæндаджы  Форум дыууæ бонон у 23 октябры фæуыдзæн.