Тосиносин Шохозаны абырста (видео) | Нагойа Башо

Нагойа  Башойы  æртыккаг  бон,  Тосиносин  (Леван Горгадзе)  3-аг маегашира  Шохозанимæ схæцыд, кæцыимæ  йын  æвæрццаг  баланс  (13  уæлахиздзинад,  5  саст)  уыд.

Леванмæ  ивгъуыд дыууæ боны мидæг дыууæ  уæлахиздзинад уыд  æмæ  нысанмæ абон дæр æнцонтæй  баххæссыд.

Шохозан  Леваны  абырсын бахъавыд   цырд фердæхтыты æмæ бырстыты  фæрцы, фæлæ Тосиносин фæцархæстис  мавашийæ  æрцахсын,   æндæогъы  уæлæмæ систа  æмæ  йæ  дохьойæ æддæмæ  ахаста.

Джорио Дивизионы   йæ  радон матч  рамбылдта  абон Гагамару дæр (Теймураз Джугъели)  æмæ  æвæрццаг баланс (2-1)  æрыздахта йæхимæ.