Тобæгонд архайды тыххæй, Тбилисы иуæй-иу  æхсæвы  клубæн  кусыны бар æрурæдта  фæллойады инспекци
Тобæгонд архайды тыххæй, Тбилисы иуæй-иу æхсæвы клубæн кусыны бар æрурæдта фæллойады инспекци

Оккупацигонд территоритæй  лигъдæтты, фæлойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды  министрады   фæллойады инспекцийы  информацийæ,   Тбилисы уæвæг  иуæй-иу  æхсæвы клубы, физикон гоймагы  тобæгонд экономикон  архайды факт рабæрæг ис.

Уагдоны хъусинагмæ гæсгæйæ,  æмбæстаг Ахметелийы  уынгыл  уæвæг  ивхæрсæн  уагдоны  æхгæд  ивхæрсæн  мадзалы организиаци кодта.

«Цæугæ азы  13 январы, Тбилисы Ахметелийы  уынгыл уæвæг иуæй-иу  æхсæвы клубы, министрады   фæллойады инспекцийы, патрулон æмæ криминалон пъæлицæй, оперативон информацийыл æнцойæ,  рабæрæг кодтой  физикон гоймагы  æрдгæй тобæгонд экономикон  архайды факт.

Сæрмагондæй та, æмбæстаг  ацы территорийыл уæвæг æхсæвы клубы  æхгæд ивхæрсæн  мадзалы организиаци кодта, кæцыйы хайад истой  цалдæр дæсой адæймаг.

Уымæн, цæмæй фæнысангонд гоймагы  раконд экономикон  архайд  у Гуырдзыстоны   хицауады #322 уагæвæрдæй  тобæгонд, физикон  гоймаг фæивар  ис  2000 ларийæ  æмæ æхсæвы клубы  архайды бар урæд æрцыд.

Уæвæг эпидемиологион уавæры тыххæй,   фæллойады инспекци дарддæр кæны  карз  контрол  рекомендацитæ  сæххæсты фæдыл,  цæмæй,   иуы æрдгæй, æрцæуа  алкæцы нæ æмбæстагы  царды æмæ æнæниздзинады хъахъхъæд,  æрмæст иннæрдгæй та,  ма фесæфа æвæрццаг динамикæ  коронавирусимæ тохы  æрдгæй», – дзырдæуы  информацийы.