Тинатин Бердзенишвили -  сæрыстыр дæн, цæмæй пандемийы кæнæ  æндæр  быцæусидтытæм нæкæсгæ, бафæрæзтам  нæ бæстæйы æмæ телеуынынады  легендарон акæнджытæн скад кæнын
Тинатин Бердзенишвили - сæрыстыр дæн, цæмæй пандемийы кæнæ æндæр быцæусидтытæм нæкæсгæ, бафæрæзтам нæ бæстæйы æмæ телеуынынады легендарон акæнджытæн скад кæнын

Тынг хъал дæн, цæмæй фыццаг стъалыиы байгомæй райдайгæ, пандемийы кæнæ æндæр быцæусидтытæм нæкæсгæ, бафæрæзтам скад кæнын нæ бæстæйы æмæ æтелеуынынады легенадарон акæнджытæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили, Мтацъминдайы паркы райхъусын кодта, цы ран фыццаг телеуынынады æртæ телеакæнæгы – Ирма Гуриелийы, Тина Мгалоблишвилийы æмæ Ирина Матиашвилийы сталытæ байгом ис.
Тинатин Бердзенишвили куыд банысан кодта афтæмæй, уацхæссынады зæгъæн ис æнусон историйæ рацæугæйæ, Æхсæнадон Уацхæссæг уникалон архивы, культурон мысæны æмæ бындарад хæссæг у, кæцы сæрмагонд бынат ахсы нæ адæмы идентондзинады.
«Ацы аз Гуырдзыстоны телеуацхæссынады райгуырдæй 65 аз æххæст кæны, радиоуацхæссынадæй та 96 азы, зæгъæн ис иу æнус аудиовизуалон мысæны, кæцыйы фыццаг къада растдæр ацы бынæтæй райдыдта, Тбилисы телеуынынадон мæсыгæй æмæ ам уæвæг чысыл студийæ. Йæ райдайæны кусæг телеакæнджыты номыл стъалытæ та абон Мтацъминдайыл ис. Ацы традици 2013 азæй райдыдтам æмæ тынг хъал дæн цæмæй фыццаг стъалыты байгомæй райдайгæ, пандеми кæнæ æндæр быцæусидтытæм нæкæсгæ бафæрæзтам скад кæнын нæ бæстæйы æмæ телеуынынады легендарон акæнджытæн»- райхъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили.
Мтацъминдайы паркы, телемæсыгы алфæмбылæйтты, Фыццаг Телеуынынады æртæ телеакæнæгы, Ирина Матиашвилийы, Тина Мгалоблишвилийы æмæ Ирма Гуриелийы номыл стъалытæ абон байгом ис.