Тинатин Бердзенишвили - Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  бæстыхайы  ничи ис,   алцыппæт автоматон режимæй  кусы, æнхъæлмæ кæсæм  процедурæты фæудмæ
Тинатин Бердзенишвили - Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы бæстыхайы ничи ис, алцыппæт автоматон режимæй кусы, æнхъæлмæ кæсæм процедурæты фæудмæ

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  бæстыхайы  ничи ис,   алцыппæт автоматон режимæй  кусы, æнхъæлмæ кæсæм  процедурæты фæудмæ, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы   генералон директоры хæстæ æххæстгæнæг  Тинатин Бердзенишвили  райхъусын кодта.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  бæстыхайы,  бомбæйы уæвыны  фæдыл  хъусинаг цъус  рæстæг размæ  райстой.

«Цъус рæстæгмæ размæ  нын  тæвд хаххы фæрцы фехъусын кодтой, цæмæй  бæстыхайы  ис  бомбæ  æмæ  бæстыхайы хъуамæ равдæлон кæнæм.  Райдыдтам æмбæлгæ  процедурæтæ  æмæ  куыд æй  уынут, афтæмæй,  ныр  цæуы  бæстыхайы  мидæг  бацагуырд, стæй  æвæццæгæн сног кæндзыстæм кусын. Уæлдай информаци нæм нæй.  Ныфс мæ ис, цæмæй  процедурæтæ тагъд фæуыдзысты. Сæгасæй сæйраг  у уый æмæ радио æмæ теле-эфир  урæд не рцыд. Бæстыхайы мидæг ацы  рæстæджы ничи  ис, алцыппæт кусы автоматон режимæй  æмæ  æнхъæлмæ кæсæм процедурæтæ фæудмæ», –  райхъусын кодта Тинатин Бердзенишвили.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  тæвд хаххмæ цъус рæстæг размæ  фæдзырдтой, æмæ фехъусын кодтой  бæстыхайы  бомбæ  уæвыны  фæдыл, цæй тыххæй дæр  бæстыхайæ  кусджыты эвакуаци сыххæст.