Тина Бокучава -  Оккупацийы проблемæ  арæны демаркацийы проблемæйы æмхуызоныл банымайын нæй гæнæн
Тина Бокучава - Оккупацийы проблемæ арæны демаркацийы проблемæйы æмхуызоныл банымайын нæй гæнæн

Сæрыфыццаг проблемæ,  кæцы бæстæйæн серьозон   тас хæссы  у  оккупаци  æмæ  нæй  гæнæн   уый  сæмбæрц кæнын   æндæр,  фæнды  арæны  демаркацмйы  проблемæимæ, хæларзæрдæ ахаст дарæг бæстæимæ,  цахæм дæр у Азербайджан – уый фæдыл  «Националон Змæлды» уæнг, Тина Бокучава райхъусын кодта,  кæцы  коментари дæтта  президент Саломэ Зурабишвилийы  куырдиатæн.

Бокучавайы   дзырдæй,  зæгъгæ абоны  хицауадмæ, нæдæр хæлар æмæ нæдæр знаг паддзахадтимæ  проблемæты  аскуыддзагы  ресурс  нæй.

«Фыццаг æмæ стратегион   проблемæ,  кæцы  бæстæйæн  хæссы  серьозон тас у  оккупаци æмæ  нæй  гæнæн   уый  æмхуызоныл банымайын  кæцыфæнды æндæр  проблемимæ, фæнды  арæны  демаркацийы  проблемæимæ,  хæлар паддзахадимæ,  цахæм дæр у  Азербайджан.   Ацы проблемæйы аскуыддзаг кæнын   ис гæнæн   политикон форматы,  фæлæ хъыгагæн,  бæстæйæн ахæм хицауад ис,  кæцымæ  нæдæр  хæлар æмæ нæдæр знаг  паддзахадтимæ проблемæты  аскуыддзагы  ресурс нæй.

Сæрмагондæй  та  уый  рæсурс  нæй  а.х. президентмæ, кæцы  у бутафорион  æмæ  йын президенты  бынат Иванишвили  балхæдта.  Цыфæнды фарста, кæцымæ  уый бавналы,  сæфт цæуы,  скандалæй  сæ  скæны  æмæ серьозон  тасы  бын бакæны  нæ бæстæйы  интерестæ» – райхъусн кодта  Тина Бокучава.

Бакой  уын кæндзыстæм,  Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили,  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы   алæвæрд «Сæрибар Цæстæнгасæн»   лæвæрд эксклюзивон интервьюйы, Давит Гареджийы тыххæй   фарсты дзуаппæн райхъусын кодта.,  цæмæй   зæгъгæ «Кæронмæ хъуамæ  сыххæст уæм куыд паддзахад, æмæ уымæн та æнæмæнгхъæугæ у нæ  арæнтæ уа  нырма  бæрæг æмæ стæй та  хъахъхъæд».